Матфей 17
17
1Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты. 2Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади. 3Фӕзындысты сӕм Моисей ӕмӕ Илийа ӕмӕ ныхас кодтой Йемӕ. 4Уӕд Петр Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ӕз ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕндзынӕн: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». 5Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». 6Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом сты. 7Фӕлӕ сӕм Йесо бацыди, бавнӕлдта сӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут, ма тӕрсут». 8Ӕмӕ, хӕрдмӕ куы скастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.
9Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».
10Уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ, дам, уал Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?» 11Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. 12Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа ныридӕгӕн ӕрцыди, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой ӕмӕ йын, цы сӕ бафӕндыд, уый бакодтой. Афтӕ уыдон хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕндзысты Адӕймаджы Фыртӕн дӕр». 13Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, Аргъауӕг Иоанны кой сын кӕй кӕны, уый.
14Адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд Йесомӕ бацыди иу лӕг, ӕрзоныг кодта Йӕ разы 15ӕмӕ Йӕм бахатыд: «Хицау, батӕригъӕд кӕн мӕ фыртӕн. Суртӕгӕнаг у ӕмӕ тынг удхар кӕны; арӕх йӕхи куы артмӕ ӕппары, куы донмӕ. 16Ӕз ӕй ӕркодтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын сӕ бон нӕ баци». 17Уӕд Йесо загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Цас ма уын быхсдзынӕн? Ардӕм Мӕм ӕй ӕрбакӕнут». 18Йесо дӕлимонӕн карзӕй загъта, цӕмӕй лӕппуйы ныууадза, ӕмӕ йӕ дӕлимон куы суӕгъд кодта, уӕд уайтагъд сдзӕбӕх ис. 19Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой Йесойы: «Махӕн ӕй нӕ бон цӕуылнӕ баци расурын?» 20Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу“, уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕни, сымахӕн цы нӕ бантыса. 21[Адоны мыггагӕн та ӕрмӕст кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн]».
22Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм, 23амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕрӕнкъард сты.
24Капернауммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Кувӕндоны хъалонисджытӕ бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг нын дыууӕ драхмӕйы#17:24 Драхмӕ — бердзенаг ӕвзист ӕхца (4,3 граммӕ хӕстӕг), дыууӕ драхмӕйы — Кувӕндоны хъалон. нӕ ратдзӕн?» 25Уый сын загъта: «Ратдзӕн». Ӕмӕ Петр хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд ӕм Йесо фӕраздӕр ис ӕмӕ йын дзуры: «Куыд дӕм кӕсы, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕхи адӕмӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?» 26Симон Ын, ӕцӕгӕлӕттӕй, зӕгъгӕ, дзуапп куы радта, уӕд ын Йесо загъта: «Уӕдӕ фырттӕ сӕрибар сты. 27Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир#17:27 Статир — 4 драхмӕйы.. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».
Currently Selected:
Матфей 17: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: