YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 15

15
1Уӕд Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмӕ Йын загътой: 2«Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн халынц фыдӕлты ӕгъдау? Хӕрыныл ӕрбадынц, сӕ къухтӕ нӕ цӕхсгӕйӕ». 3Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах уӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй цӕмӕн халут Хуыцауы фӕдзӕхст? 4Хуыцау загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“, ӕмӕ ноджы: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“. 5Сымах та дзурут: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй дӕм цы хауы, уый мын Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ, 6уыцы адӕймаджы йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы“. Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй. 7Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта: 8„Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. 9Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц, уымӕн ӕмӕ, цытӕ амонынц, уыдон сты адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ“». 10Уый фӕстӕ Йесо фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут! 11Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».
12Уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн кӕй фӕхъыг сты, уый зоныс?» 13Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕнис ӕд уидӕгтӕ. 14Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты». 15Уӕд Ӕм Петр бахатыди: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас». 16Йесо сын загъта: «Ау, сымах дӕр нырмӕ афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? 17Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй та ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы? 18Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы. 19Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр. 20Ӕппӕт адӕттӕ адӕймаджы фӕчъизи кӕнынц, ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын та йӕ нӕ чъизи кӕны».
21Йесо араст ис уырдыгӕй ӕмӕ ӕрцыди Тир ӕмӕ Сидоны зӕхмӕ. 22Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц». 23Фӕлӕ йӕм Йесо иу ныхас дӕр не скодта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны». 24Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн». 25Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыди, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн». 26Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын». 27Сылгоймаг та загъта: «Уый афтӕ у, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон». 28Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Сылгоймаг, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ чызг уайтагъд сдзӕбӕх.
29Йесо араст ис уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызгӕронмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти. 30Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм. Семӕ кодтой къуылыхты, куырмыты, цӕнкуылты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынты; ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты раз, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта. 31Адӕм ӕгомыгты дзургӕ, цӕнкуылты ӕнӕсахъатӕй, къуылыхты цӕугӕ ӕмӕ куырмыты сӕ цӕстӕй ракӕсгӕ куы федтой, уӕд дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Израилы Хуыцауӕн.
32Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты». 33Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?» 34Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд, ӕмӕ ма ноджы цалдӕр гыццыл кӕсаджы». 35Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, 36райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмыл. 37Се ’ппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды. 38Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕм та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппар мины.
39Уӕд Йесо ауагъта адӕмы, бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ ацыди Магдалы зӕхмӕ.

Currently Selected:

Матфей 15: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in