Матфей 12
12
1Иу сабаты Йесо фӕцӕйцыди хоры хуымтыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сыстонг сты, райдыдтой ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ хӕрын. 2Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сабаты цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц». 3Йесо сын дзуапп радта: «Давид, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр куы сыстонг сты, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви? 4Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд. 5Науӕд Моисейы Ӕгъдауы нӕ кастыстут, алы сабаты дӕр сауджынтӕ, Кувӕндоны кусгӕйӕ, сабаты фӕтк кӕй халынц, фӕлӕ сын уый азымыл нымад кӕй нӕу? 6Зӕгъын уын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый. 7„Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“ — ацы ныхасӕн йӕ мидис куы ӕмбариккат, уӕд ӕназымты зылынджын нӕ кодтаиккат. 8Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ Хицау у».
9Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд баздӕхти синагогӕмӕ. 10Уым уыдис, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ фарисейтӕ, цӕмӕй Йӕ истӕмӕй фӕазымджын кӕной, уый тыххӕй Йесойы бафарстой: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 11Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви? 12Адӕймаг та цас зынаргъдӕр у фысӕй! Уӕдӕ сабаты хорздзинад аразын ӕмбӕлы». 13Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма Мӕм ӕрбадар». Уый Йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис, йӕ иннӕ къухы хуызӕн сси.
14Уӕд фарисейтӕ рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ Йӕхи айста уырдыгӕй.
15Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта, 16фӕлӕ сын карзӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй Йӕ кой ма кӕной. 17Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайайы уылты цы загъдӕуыди, уый: 18«Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг — Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн Мӕ раст тӕрхон фехъусын кӕндзӕни. 19Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, Йӕ хъӕлӕс Ын ничи фехъусдзӕни уынгты. 20Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн, цалынмӕ раст тӕрхонӕн уӕлахиз ӕрхӕсса, уӕдмӕ. 21Ӕмӕ адӕмтӕ сӕ зӕрдӕ дардзысты Йӕ номыл».
22Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта. 23Адӕм иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕг Давиды байзӕддаг ма уа?» 24Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый, бӕлвырд, дӕлимонты се ’лдар Веелзевулы хъаруйӕ суры». 25Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ загъта: «Кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ куы сисой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хӕдзар куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы сахар фесӕфдзӕн, хӕдзары дӕр бинонтӕн сӕ цард фехӕлдзӕн. 26Уӕдӕ кӕд сайтан сайтаны суры, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны. Ӕмӕ афтӕмӕй цасы фаг суыдзӕни йӕ паддзахад? 27Кӕд Ӕз дӕлимонты Веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уӕдӕ уын уыдон тӕрхонгӕнӕг уыдзысты. 28Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уый, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрхӕццӕ ис, ууыл дзурӕг у. 29Кӕй бон бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕссын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд бантысдзӕни хӕдзар сафтид кӕнын.
30Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны. 31Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: цыфӕнды тӕригъӕд ӕмӕ фауӕн ныхас дӕр адӕймагӕн хатыргонд уыдзысты, фӕлӕ фауӕн ныхас Сыгъдӕг Уды ныхмӕ нӕ уыдзӕни хатыргонд. 32Исчи Адӕймаджы Фырты куы рафауа, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕни нӕдӕр ацы, нӕдӕр фидӕны дунейы.
33Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй. 34Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы. 35Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх. 36Зӕгъын уын: сӕ алы ӕнӕрхъуыды ныхасы тыххӕй дӕр адӕм Тӕрхоны Бон дзуапп ратдзысты. 37Дӕ ныхӕстӕ дӕ кӕнӕ сраст кӕндзысты, кӕнӕ дын уыдзысты тӕрхонгӕнӕг».
38Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕй чидӕртӕ Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы фенын кӕнис, уый нӕ фӕнды». 39Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домынц, фӕлӕ Ионӕ-пехуымпары диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты. 40Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы. 41Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый. 42Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
43Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнӕдон рӕтты ӕнцой агурӕг фӕзилы, фӕлӕ йӕ не ссары. 44Уӕд фӕзӕгъы: „Аздӕхон фӕстӕмӕ, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм“. Ӕмӕ куы ӕрыздӕхы, уӕд дзы никӕй баййафы, хӕрзмарзт ӕмӕ йӕ хӕрзӕфснайдӕй ссары. 45Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
46Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын. 47Ӕмӕ Йын чидӕр загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Демӕ сӕ ныхас кӕнын фӕнды». 48Йесо йӕ бафарста: «Чи у Мӕ мад, ӕмӕ чи сты Ме ’фсымӕртӕ?» 49Ӕмӕ къухӕй ацамыдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Мӕнӕ сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ. 50Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».
Currently Selected:
Матфей 12: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.