YouVersion Logo
Search Icon

Малахиа 3

3
1Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 2Йе ’рцыды бон куы ралӕууа, уӕд чи бафӕраздзӕн? Уый куы фӕзына, уӕд чи нӕ фӕцуддзӕн? Уый у згъӕртайынгӕнӕн пецы арт, сыгъдӕггӕнӕг фӕныкдон. 3Уый бавдӕлдзӕн ӕмӕ ӕвзист батайын ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн. Левийы байзӕддӕгты ссыгъдӕг ӕмӕ стайын кӕндзӕн, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистау, цӕмӕй Дунедарӕгӕн рӕстаг нывӕндтӕ хӕссой. 4Ӕмӕ уӕд Дунедарӕгӕн, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы нывӕндтӕ ногӕй суыдзысты ӕхцон.
5Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 6Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут. 7Мӕ уагӕвӕрдтӕй Мын суанг уӕ фыдӕлты заман уе ’ргом аздӕхтат, нӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Раздӕхут Мӕм, ӕмӕ уӕм уӕд Ӕз дӕр Ме ’ргом раздахдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сымах Мын дзурут: «Куыд Дӕм раздӕхӕм?» 8Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ. 9Сымах ӕлгъыст стут бӕлвырд, уымӕн ӕмӕ уӕ адӕм иууылдӕр давынц Мӕнӕй. 10Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат? 11Уӕ зӕххы бӕркад уын чи ныхъуыры, уыдоны Ӕз бауромдзынӕн, уӕ сӕнӕфсиртӕ быдырты ӕнӕ дыргъӕй нал баззайдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 12Адӕмтӕ уӕ амондджын хондзысты, уымӕн ӕмӕ тӕхудиаг уыдзӕн уӕ зӕхх, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
13Сымах къӕйныхӕй дзурут Мӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Зӕгъдзыстут Мын: «Цымӕ цы дзурӕм?» 14Сымах зӕгъут: «Дзӕгъӕлы лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Цы пайда нын ис, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын кӕй ӕххӕст кодтам ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы раз хъыггӕнгӕйӕ кӕй цардыстӕм, уымӕй? 15Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы». 16Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы». 17Ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз сӕ уыцы бон скӕндзынӕн мӕ зынаргъ исбон ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕндзынӕн, фыд, чи йын лӕггад кӕны, йӕ уыцы фыртӕн куыд батӕригъӕд кӕны, афтӕ. 18Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.

Currently Selected:

Малахиа 3: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in