YouVersion Logo
Search Icon

Малахиа 1

1
1Дунедарӕг Малахиайы уылты Израилӕн хъусын кӕны рагуац:
2— Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ бауарзтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлӕ Мын сымах дзурут: «Цӕмӕй нын равдыстай дӕ уарзондзинад?» Ау, Исав ӕмӕ Йаков ӕфсымӕртӕ не сты? — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕлӕ Ӕз Йаковы бауарзтон, 3Исав та мын ӕнӕуынон сси. Йӕ хӕхтӕй йын ӕдзӕрӕг быдыр сарӕзтон, йӕ зӕххыл ын хъӕддаг куыйты ӕрцӕрын кодтон.
4Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм. 5Уыдӕттӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут ӕмӕ зӕгъдзыстут: «Дунедарӕджы хъомыс Израилы арӕнтӕй дарддӕр аххӕссыд».
6— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут. 7Мӕ нывондхӕссӕнмӕ Мын нӕфӕтчиаг дзул ӕрбахӕссут ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзурут, цӕмӕй Дӕ кӕнӕм ӕгад, зӕгъгӕ. Дунедарӕджы фынг кады аккаг нӕу, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, уымӕй. 8Науӕд нывондӕн куырм, къуылых кӕнӕ рынчын фосы кӕй ӕрбахӕссут, уый уӕм хорз кӕсы? Де ’лдары размӕ-ма сӕ бахӕсс, цымӕ дӕ разыйӕ баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 9Уӕдӕ кувут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныххатыр кӕна. Фӕлӕ Йын ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссат, уӕд уӕ Йӕ хорзӕхы аккаг куыд хъуамӕ скӕна? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 10Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
11Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 12Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут. 13Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. — 14Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.

Currently Selected:

Малахиа 1: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in