Амос 8
8
1Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: цыма мӕ разы уыди рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд. 2Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн. 3Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»
4Байхъусут, мӕгуырты ’фхӕрджытӕ, се сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон! 5Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм. 6Гӕвзыччы ӕлхӕндзыстӕм ӕвзистӕй, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырӕй, нӕ зыгуым дӕр-иу уӕй кӕндзыстӕм». 7Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!» 8Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ. 9Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн. 10Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.
11Мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ зӕххыл стонг заман ӕруадздзынӕн. Дзул ӕмӕ доны фыдӕй куы фӕмӕлынц, ахӕм дуг нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхас фехъусынмӕ куы бӕлдзысты, ахӕм заман. 12Дунедарӕджы ныхас фехъусыны тыххӕй иу денджызӕй иннӕмӕ, цӕгатӕй скӕсӕнмӕ цӕудзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты.
13Уыцы бон рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ, дойныйӕ мӕлгӕйӕ, зӕхмӕ хаудзысты ӕнӕбонӕй.
14Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.
Currently Selected:
Амос 8: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.