YouVersion Logo
Search Icon

Амос 6

6
1Додойаг сты, Сионы хохыл, Самарийы къуыбырыл ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, адӕмты ’хсӕн фыццаг бынат чи ахсы, уыцы адӕмы барджынтӕ, ӕгас Израил ныфсджын кӕмӕй сты, уыдон! 2Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр?
3Сымах бӕллӕхы бонӕн дард ӕнхъӕл стут ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ уымӕн нӕ уадзут. 4-6Пылыстӕг сынтӕджытыл хуыссут ӕмӕ буц дарут уӕхи; уӕрыччыты, хӕрзхаст родты фыд хӕрут, дыууадӕстӕнонтыл цӕгъдут ӕмӕ зарут — Давид ма уӕ кӕцӕй аййафдзӕн! Стыр кӕхцытӕй сӕн нуазут, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй уӕхимӕ зилут, ӕмӕ уӕм Йосефы байзӕддӕгты сӕфт нымады дӕр нӕу! 7Уый тыххӕй уацайрӕгтӕн сӕ разӕй ацӕудзыстут, ӕмӕ уӕ хъал цардӕн кӕрон ӕрцӕудзӕнис. 8Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн. 9Искӕцы хӕдзары ма дӕс адӕймаджы куы баззайа, уӕд уыдон дӕр амӕлдзысты. 10Сӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕудзӕн, цӕмӕй сӕ бавӕрыны размӕ байсӕрда, ӕмӕ, марды ’ддӕмӕ хӕсгӕйӕ, хӕдзаргӕсы бафӕрсдзӕн: «Исчи ма дзы ис?» Уый йын дзуапп ратдзӕнис: «Ничи». Уӕд ын зӕгъдзӕн: «Сабыр! Дунедарӕджы ном дзурӕн нӕй!»
11Дунедарӕг бардзырд ратдзӕн, ӕмӕ галуантӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты, хӕдзӕрттӕ ныккӕлдзысты.
12Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо! 13Сымах цин кӕнут, Ло-Девары сахар кӕй басастат, ууыл ӕмӕ дзурут: «Ау, Карнаимы сахар нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бацахстам?»
14Тагъд уын Ӕз, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ ныхмӕ ахӕм адӕмы сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ Лево-Хаматӕй суанг Аравы онг ассӕнддзысты!

Currently Selected:

Амос 6: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in