Амос 1:1-2
Амос 1:1-2 ОССБ
Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр. Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.