Уӕд ын Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ды тӕригъӕд кӕныс, кусгӕ кӕуыл нӕ бакодтай, кӕй не ’рзайын кодтай, иунӕг ӕхсӕвмӕ чи сзадис ӕмӕ иунӕг ӕхсӕвмӕ сӕфгӕ дӕр чи фӕкодта, уыцы зайӕгойӕн. Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?»