Ӕз бардзырдмӕ гӕсгӕ фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ, пехуымпариуӕг куы кодтон, уӕд райхъуысти уынӕр, стджытӕ базмӕлыдысты ӕмӕ байдыдтой кӕрӕдзиимӕ иу кӕнын, стӕг — стӕгимӕ. Ӕмӕ ӕз федтон: фӕзынди сыл нуӕрттӕ, ӕрзади сыл буар, уый уӕлӕ та — царм, фӕлӕ царды комулӕфт нӕма уыди сӕ мидӕг.