1
Даниил 7:14
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.
Compare
Explore Даниил 7:14
2
Даниил 7:13
Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.
Explore Даниил 7:13
3
Даниил 7:27
Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.
Explore Даниил 7:27
4
Даниил 7:18
Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.
Explore Даниил 7:18
Home
Bible
Plans
Videos