Рӕхджы ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хуымгӕнӕг хуыммӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ хуымгӕрдӕг нырма уыдзӕнис уым; тауӕг рацӕудзӕн, фӕлӕ нырма сӕн ссӕнддзысты. Хӕхтӕй сӕн ракӕлдзӕн, ӕмӕ къуыбыртӕ сфӕлмӕн уыдзысты. Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн Мӕ адӕмы, Израилы. Афтид сахартӕ ног сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сӕн нуаздзысты, скӕндзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты.