Марк 5:35-36
Марк 5:35-36 ОССБ
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрбацыдысты йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?» Фӕлӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд».