YouVersion 標識
搜索圖示

Матфей 4

4
Фӕлварӕн ӕдзӕрӕг быдыры
1Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй Йӕ хӕйрӕг бафӕлвара. 2Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис. 3Уӕд Ӕм хӕйрӕг ӕрбацыд ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». 4Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“».#Фӕл 8:3; Лк 4:4. 5Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта уаз сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл 6ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын — сӕ къухтыл Дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“».#Пс 90:11,12; Лк 4:10. 7Йесо йын загъта: «Афтӕ дӕр ма фыст ис: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».#Фӕл 6:16; Лк 4:12. 8Уӕд та Йӕ хӕйрӕг иу бӕрзонд хохы сӕрмӕ скодта ӕмӕ Йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ кадимӕ. 9Загъта Йын: «Дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд адон иууылдӕр Дӕу уыдзысты». 10Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».#Фӕл 6:13; Лк 4:8. 11Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтагъд Ӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.
Йесо райдыдта Йӕ уазлӕггад
12Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.#Мк 1:14; Лк 4:14; Ин 4:43. 13Назаретӕй ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.
14Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайайы уылты Хуыцау цы загъта, уый: 15«Денджызмӕ фӕндагыл, Иорданы фаллаг фарс — Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕхх! Муртаттаг Галилей! 16Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, мӕлӕтон тар бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта».#Ис 9:1,2. 17Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта Фарны Уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».#Мк 1:15.
Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ
18Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.#Мк 1:16. 19Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз скӕндзынӕн адӕймагахсджытӕ». 20Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл араст сты. 21Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти. 22Уыдон уайтагъд фӕуагътой сӕ бӕлӕгъ, стӕй сӕ фыды ӕмӕ араст сты Йӕ фӕдыл.
Йесойы лӕггад адӕмӕн
23Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр. 24Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.#Мк 6:55. 25Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.#Лк 6:17.

醒目顯示

分享

複製

None

想要在所有設備上保存你的醒目顯示嗎? 註冊或登入