Дзуттӕгтӕм 1
1
1Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ.#1 Пет 1:10. 2Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.#Ин 1:3; 8:26; 15:15; Гал 4:4; Эф 1:10. 3Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс#2 Кор 4:4; Эф 1:7; Кол 1:15. 4ӕмӕ, Йӕхӕдӕг зӕдтӕй бирӕ уӕлдӕр куыд у, афтӕ Йӕ Фыдӕй лӕвӕрд ном дӕр уыдоны нӕмттӕй бирӕ кадджындӕр сси.#Флп 2:9.
5Хуыцау зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта:
«Ды Мӕ Фырт дӕ,
Ды Мын абон райгуырдтӕ»?
Кӕнӕ:
«Ӕз Уымӕн уыдзынӕн Фыд,
Уый та Мын уыдзӕни Фырт»?#Дзут 5:5.
6Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ, Хуыцау загъта:
«Бакувӕнт Ын
Хуыцауы зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр».
7Зӕдты тыххӕй фыст ис:
«Йӕ зӕдты Уый скӕны дымгӕтау,
Йӕ лӕггадгӕнджыты — зынг ӕмӕ артау».
8Фырты тыххӕй та:
«Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон.
Дӕ Паддзахады лӕдзӕг —
рӕстдзинады лӕдзӕг.#Лк 1:32.
9Ды бауарзтай рӕстдзинад,
фыддзинад Дын ӕнӕуынон у.
Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау,
Демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай,
цин дӕттӕг сойӕ байсӕрста».#Ин 3:34; Хъуыд 4:27.
10Ӕмӕ ма ноджы:
«Раздӕр уал Ды, Бардарӕг,
зӕххӕн ӕрӕвӕрдтай бындур,
Дӕ къухӕй конд у арв дӕр.
11Уыдонӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон,
Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ.
Уыдон алӕзӕрдзысты пӕлӕзау,#Мт 24:35.
12Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау.
Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ,
ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты».
13Хуыцау Йӕ зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта:
«Сбад Мӕ рахизфарс,
ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты
Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн?»
14Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022