YouVersion 標識
搜索圖示

Амос 3

3
1Израилӕгтӕ! Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, сымах тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ!
Ӕз, Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтон, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъын: 2ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.
3Дыууӕ лӕджы кӕрӕдзиимӕ ныхас куынӕ бакӕной, уӕд иумӕ искуыдӕм ацӕудзысты? 4Домбайӕн йӕ амӕттаг йӕ размӕ куынӕ фӕуа, уӕд хъӕдӕй йӕ богъ-богъ райхъуысдзӕн? Домбайы лӕппын куы ницы ’рцахса, уӕд лӕгӕтӕй йӕ рыхын фӕхъуысы? 5Исчи къӕппӕг куынӕ сӕвӕра, уӕд дзы цъиу аирвӕздзӕн? Цъиу къӕппӕгмӕ куы батӕха, уӕд йӕ дуар гомӕй баззайдзӕн? 6Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?
7Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.
8Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
9Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»
10Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты. 11Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: бӕстӕйыл ӕрхъула кӕндзӕн знаг, дӕ хъомыс дын басӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ сафтид кӕндзӕн.
12Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.
13Байхъусут ӕмӕ зӕгъут Йаковы хӕдзарӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 14Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты. 15Сӕ зымӕгон ӕмӕ сӕрдыгон хӕдзӕрттӕ, сӕ пылыстӕгӕй фӕлыст галуантӕ сын ныппырх кӕндзынӕн, ныккӕлдзысты стыр хӕдзӕрттӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.

醒目顯示

分享

複製

None

想要在所有設備上保存你的醒目顯示嗎? 註冊或登入