Рацыд 27
27
1Акъацийӕ сараз нывондхӕссӕн: фондз ӕлмӕрины — дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины. 2Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕр ӕрхуыйӕ. 3Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ. 4Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ сараз хызӕг ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы бафидар кӕн фӕйнӕ ӕрхуы цӕджы. 5Нывондхӕссӕны мӕсчъы бын ӕй бафидар кӕн, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕумӕ куыд ӕххӕсса, афтӕ. 6Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ састӕр ӕрхуыйӕ. 7Нывондхӕссӕн йӕ бынатӕй куы хӕссат, уӕд-иу уыцы хъилтӕ, йӕ фӕйнӕфарс цы цӕгтӕ ис, уыдоны акӕндзыстут. 8Нывондхӕссӕн сараз фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа, афтӕ. Саразын ӕй хъӕуы, хохыл дын куыддӕриддӕр равдыстӕуыд, афтӕ.
9Цатырӕн йӕ алыварс скӕнут кӕрт. Хуссарӕрдыгӕй йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, дӕргъмӕ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины, 10ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, фӕйнӕ ӕрхуы бынӕнцайӕнимӕ. Цӕджындзтыл уӕд ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.
11Цӕгатӕрдыгӕй дӕр йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн — фондзыссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн, ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, алы цӕджындз дӕр — ӕрхуы бынӕнцайӕныл. Цӕджындзтыл, кӕрӕдзимӕ сӕ бафидар кӕнынӕн, уӕд ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.
12Ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн — кӕрты уӕрхӕн, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, дӕс цӕджындзыл ауыгъд, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ.
13Кӕрты уӕрх скӕсӕнӕрдыгӕй уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. 14-15Кулдуары рахизфарс ӕмӕ галиуфарс ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕн сӕ дӕргъ уӕд фӕйнӕ фынддӕс ӕлмӕрины, сӕ дыууӕ дӕр уӕнт ӕртыгай цӕджындзтыл ауыгъд, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ. 16Кулдуарӕн бауаф нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн, ссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Кулдуарӕн уӕд цыппар цӕджындзы, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ.
17Кӕрты цӕджындзтӕн се ’ппӕт къӕпсыртӕ ӕмӕ иугӕнӕн уистӕ дӕр уӕнт ӕвзистӕй, сӕ бынӕнцайӕнтӕ та ӕрхуыйӕ. 18Кӕртӕн йӕ дӕргъ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, здыхт гӕнӕй уафт ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. Цӕджындзтӕн — ӕрхуы бынӕнцайӕнтӕ.
19Цатыры ӕппӕт дзаумӕттӕ, цатыры ӕмӕ кӕртӕмбӕрзӕны михтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ.
20Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй-иу дӕм цырагъдарӕнӕн ӕрбахӕссой къухӕй лӕмӕрст сыгъдӕг оливӕйы сой — цырагъдарӕны цырӕгътӕ кӕддӕриддӕр куыд судзой. 21Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Àwon tá yàn lọ́wọ́lọ́wọ́ báyìí:
Рацыд 27: ОссБ
Ìsàmì-sí
Pín
Daako

Ṣé o fẹ́ fi àwọn ohun pàtàkì pamọ́ sórí gbogbo àwọn ẹ̀rọ rẹ? Wọlé pẹ̀lú àkántì tuntun tàbí wọlé pẹ̀lú àkántì tí tẹ́lẹ̀
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: