Рацыд 26
26
1Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ. 2Алы уӕфтӕгӕн дӕр йӕ дӕргъ — аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — цыппар ӕлмӕрины. Иууылдӕр хъуамӕ ӕмиӕстӕ уой. 3Алы фондз уӕфтӕджы дӕр иумӕ бахуый, дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны сӕ куыд рауайа, афтӕ. 4-5Ӕмбӕрзӕнты кӕройнаг уӕфтӕгтыл дӕргъӕй-дӕргъмӕ скӕн фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрвхуыз сӕхтӕджы, иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ иннӕйы сӕхтӕджытимӕ ӕмных куыд уой, афтӕ. 6Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй кӕрӕдзимӕ баиу кӕн дыууӕ ӕмбӕрзӕны, ӕмӕ сӕ рауайдзӕн Уаз Цӕрӕн.
7Тинтычъийӕ сцӕттӕ кӕн иуӕндӕс уӕфтӕджы — Цатыры цар ӕмбӕрзынӕн. 8Алы уӕфтӕгӕн дӕр йӕ дӕргъ уӕд дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — цыппар ӕлмӕрины. Иууылдӕр хъуамӕ ӕмиӕстӕ уой. 9Фондз уӕфтӕджы дзы кӕрӕдзимӕ бахуый, ӕхсӕз уӕфтӕджы — кӕрӕдзимӕ (ӕхсӕзӕм уӕфтӕг дыдагъӕй Цатырӕн йӕ бацӕуӕны сӕрмӕ ӕруадз). 10Ӕмбӕрзӕнтӕй иуы кӕройнаг уӕфтӕгыл бахуый дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕройнаг уӕфтӕгыл дӕр бахуый дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы — дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕныны охыл.
11Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры ӕмӕ сӕ сӕхтӕджытимӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцын кӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕнӕй рауайа иу — царӕмбӕрзӕн. 12Ӕмбӕрзӕны уӕлдай, уӕфтӕгӕй цы ӕмбис баззади, уый ӕруадз Цатыры фӕстаг къулыл, 13уӕфтӕгты уӕлдай та — иуӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр ӕлмӕрины йас — ӕруадз Цатыры фӕрстыл, къултӕ дӕр ӕмбӕрзт куыд ӕрцӕуой, афтӕ. 14Скӕнут-ма цатыры сӕрӕн ноджыдӕр иу ӕмбӕрзӕн — сырхахуырст фысдзӕрмттӕй, уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрут ӕндӕр ӕмбӕрзӕн — гогырӕ сӕракӕй.
15Цатыры къултӕн скӕнут акъаци фӕлгӕттӕ: 16алкӕмӕн дӕр дзы йӕ дӕргъ — дӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 17Хъуамӕ алы фӕлгӕт дӕр арӕзт ӕрцӕуа кӕрӕдзимӕ баиугонд дыууӕ хъӕдӕй. Цатыры къулты фӕлгӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ахӕмтӕ. 18Хуссарварс къулӕн скӕн ссӕдз фӕлгӕты 19ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ, йӕ дыууӕ хъӕдӕн. 20Цӕгатварс къулӕн дӕр скӕн ссӕдз фӕлгӕты 21ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ. 22Цатыры фӕстаг, ныгуылӕнварс, къулӕн скӕнут ӕхсӕз фӕлгӕты, 23фӕстаг дыууӕ фисынӕн та — фӕйнӕ. 24Уыцы дыууӕ фӕлгӕты хъуамӕ бынӕй уой саджилгонд, уӕлейӕ та (фыццаг цӕг кӕм ис, уым) — ӕнӕхъӕн. Ахӕм фӕлгӕттӕ хъуамӕ уой дыууӕ, алы фисынӕн дӕр — фӕйнӕ. 25Уыцы аст фӕлгӕтӕн скӕнын хъӕуы ӕхсӕрдӕс ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ.
26Акъацийӕ скӕн уӕладзӕнтӕ, фондз — Цатырӕн йӕ иу фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, 27фондз — йӕ иннӕ фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, фондз та — йӕ фӕстаг фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн — ныгуылӕнӕрдыгӕй. 28Астӕуккаг уӕладзӕн хъуамӕ ацӕуа фӕлгӕтты ’хсӕнты — иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. 29Фӕлгӕттӕ састӕр сыгъзӕринӕй, сыгъзӕринӕй скӕн цӕгтӕ, уӕладзӕнтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕр сыгъзӕринӕй. 30Цатыр ӕрӕвӕр, хохы сӕр дын амынд куыд ӕрцыди, афтӕ.
31Бауаф мидӕмбӕрзӕн ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Йӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ. 32Ӕрцауындз ӕй сыгъзӕринастӕрд цыппар акъаци цӕджындзыл, сыгъзӕрин къӕпсыртӕ сыл, цӕджындзтӕн — цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны. 33Мидӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл ӕмӕ йын Фидыды Чырын сӕвӕр йӕ фӕстӕ. Уыцы мидӕмбӕрзӕн уыдзӕни Рухсмонуат ӕмӕ Уаз бынаты ’хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзӕни. 34Фидыды Чырынӕн Рухсмонуаты йӕ сӕр йӕ уӕлӕ сӕвӕр. 35Мидӕмбӕрзӕны раз ӕрӕвӕр фынг, фынджы бакомкоммӕ та — цырагъдарӕн. Цырагъдарӕн Цатырӕн хъуамӕ лӕууа йӕ хуссарварс, фынг та — йӕ цӕгатварс.
36Цатырмӕ бацӕуӕнӕн дӕр бауафын кӕн нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй. 37Ацы дуарӕмбӕрзӕнӕн скӕн фондз акъаци цӕджындзы, састӕр сӕ сыгъзӕринӕй ӕмӕ сыл бакӕн сыгъзӕрин къӕпсыртӕ. Цӕджындзтӕн ӕрхуыйӕ рацӕгъд фондз бынӕнцайӕны.
Àwon tá yàn lọ́wọ́lọ́wọ́ báyìí:
Рацыд 26: ОссБ
Ìsàmì-sí
Pín
Daako

Ṣé o fẹ́ fi àwọn ohun pàtàkì pamọ́ sórí gbogbo àwọn ẹ̀rọ rẹ? Wọlé pẹ̀lú àkántì tuntun tàbí wọlé pẹ̀lú àkántì tí tẹ́lẹ̀
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.