Рацыд 24

24
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут. 2Дӕу йеддӕмӕ Мӕм уыдонӕй ӕввахс мачи ӕрбацӕуӕд. Иннӕ адӕмӕн демӕ хохмӕ ссӕуӕн нӕй».
3Моисей адӕммӕ бацыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Дунедарӕг цы зӕгъа, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм». 4Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл. 5Израилы ӕрыгон лӕппутӕн загъта, ӕмӕ ӕрбакодтой галтӕ — Дунедарӕгӕн ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. 6Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл. 7Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый». 8Уӕд Моисей райста тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кодта адӕмыл. Загъта: «Уый у, Дунедарӕг сымахимӕ Йӕ уагӕвӕрдты бындурыл кӕй сарӕзта, уыцы фидыды туг».
9Уый фӕстӕ Моисей, Аарон, Надав, Авигу ӕмӕ Израилы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хистӕры ссыдысты хохы сӕрмӕ 10ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг. 11Ӕмӕ Хуыцау Йӕ къух нӕ систа Израилы фӕтӕгтӕм: уыдон федтой Хуыцауы ӕмӕ минас кодтой уыцы ран.
12Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый». 13Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ. 14Уый размӕ Израилы хистӕртӕн та загъта: «Ам лӕуут, цалынмӕ мах фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ. Мӕнӕ Аарон ӕмӕ Хур уыдзысты уемӕ, ӕмӕ уӕ исты хъуыддаг кӕмӕ уа, уый-иу ӕй уыдонӕн зӕгъӕд». 15Уыйадыл Моисей хохы сӕрмӕ ссыд.
Мигъ бадти хохыл: 16уый Дунедарӕджы кад ӕрцыди Синайы хохмӕ. Ӕхсӕз боны дӕргъы хох мигъӕй нӕ зынд. Ӕвдӕм бон Дунедарӕг мигъы хуылфӕй фӕсидти Моисеймӕ. 17Пиллӕттӕ уадзӕг артау зынди хохы сӕрӕй Дунедарӕджы кад израилӕгтӕм. 18Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.

Àwon tá yàn lọ́wọ́lọ́wọ́ báyìí:

Рацыд 24: ОссБ

Ìsàmì-sí

Pín

Daako

None

Ṣé o fẹ́ fi àwọn ohun pàtàkì pamọ́ sórí gbogbo àwọn ẹ̀rọ rẹ? Wọlé pẹ̀lú àkántì tuntun tàbí wọlé pẹ̀lú àkántì tí tẹ́lẹ̀