Рацыд 22

22
1Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава ӕмӕ йӕ куы аргӕвда кӕнӕ куы ауӕй кӕна, уӕд-иу галы сӕрмӕ раттӕд фондз галы, фысы сӕрмӕ та цыппар фысы.
2Давӕджы сисы бын къахгӕ чи баййафа, афтӕмӕй йӕ чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый азымджын нӕу. 3Фӕлӕ ацы хъуыддаг хурыскасты фӕстӕ куы ’рцӕуа, уӕд марӕг азымджын у.
Давӕг хъуамӕ бафида, фӕлӕ йӕм куы ницы уа, уӕд, цы адавта, уый ныхмӕ уӕйгонд ӕрцӕуӕд йӕхӕдӕг. 4Цы адавта, уый йӕм — гал уа, хӕрӕг ӕви фыс — удӕгасӕй куы ссарой, уӕд-иу ӕй бафидӕд дывӕрӕй.
5Исчи искӕй хуым кӕнӕ сӕндонӕн знаггад куы ракӕна — йӕ фос ӕм хизынмӕ куы бауадза, ӕмӕ йӕ куы фесафой, уӕд, цы зиан ракӕной, уый бафидӕд йӕхи хуым кӕнӕ сӕндоны ӕвзаргӕ тыллӕгӕй.
6Исчи арт куы скӕна, ӕмӕ арт сыхаджы хуымы какон ӕмбондыл куы схӕца ӕмӕ куыристӕ кӕнӕ ӕнӕкарст хоры хуым куы басудза, уӕд арт скӕнӕг, цы зиан ракодта, уый бафидӕд.
7Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд. 8Давӕджы не ссардтой, зӕгъгӕ, уӕд та хӕдзары хицау Хуыцауы раз ӕрлӕууӕд, кӕйдӕр исбонмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй.
9Алы дзырддаг гал, хӕрӕг, фыс кӕнӕ уӕлӕдарӕс, цыфӕнды сӕфт мулчы фӕдыл быцӕу дӕр хъуамӕ хаст ӕрцӕуа Хуыцауы тӕрхонмӕ. Мулкӕй, мӕн у, зӕгъгӕ, чи дзура, уыцы дыууӕ хъастгӕнӕгӕй Хуыцау азымджыныл кӕй банымайа, уый хъуамӕ дывӕрӕй бафида иннӕмӕн.
10Иу лӕг иннӕмӕ хӕрӕг, гал, фыс кӕнӕ ӕндӕр исты фос куы ратта, цӕст ӕм фӕдарыны охыл, ӕмӕ фос куы фӕхӕдмӕл, куы фӕсахъат уа, йе та тӕлӕтгонд куы ’рцӕуа ӕмӕ уымӕн ӕвдисӕн куынӕ разына, 11уӕд, фосмӕ йӕ цӕст чи дардта, уый Дунедарӕджы раз ард бахӕрӕд, цӕмӕй сбӕлвырд уа, кӕйдӕр фосмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый. Фосы хицау ын йӕ ардбахӕрд сфидар кӕнӕд, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕудзӕн. 12Фос давд куы ’рцӕуа, уӕд та, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый фосы хицауӕн бафидӕд. 13Фосы сырд куы ныттона, уӕд ын, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый йӕ мард йӕ хицауӕн равдисӕд: тынд фос ын фиддон ма уӕд.
14Иу лӕг иннӕмӕн йӕ фос куы ракура рӕстӕгмӕ, ӕмӕ, фосы хицау йӕ разы нӕ уыд, афтӕмӕй йын куы фӕсахъат уа кӕнӕ куы фӕхӕдмӕл уа, уӕд ын йӕ ныхмӕ йӕ хицауӕн бафидӕд. 15Фосы хицау йӕ разы уыди, зӕгъгӕ, уӕд та фидын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ фосы кӕд ӕхцайыл райста, уӕд уыцы ӕхца фыст ӕрцӕуӕд фосы хицауӕн.
16Исчи ӕнӕкуырд чызджы куы фӕрӕдийын кӕна, йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд бафидӕд ирӕд ӕмӕ йӕ ракурӕд. 17Фӕлӕ йын фыд йӕ чызджы раттыныл куы не сразы уа, уӕд дӕр чызджы фыдӕн бафидӕд ирӕды бӕрц.
18Кӕлӕнгӕнӕг сылгоймаджы удӕгасӕй ма ныууадз.
19Фосимӕ чидӕриддӕр ӕриу уа — мард ӕрцӕуӕд.
20Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, Дунедарӕгӕй уӕлдай, нывӕндтӕ чи хӕсса, уый ӕлгъыстаг фӕуӕд ӕмӕ мард ӕрцӕуӕд.
21Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар, ма ’фхӕр, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.
22Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр. 23Куы сӕ ’фхӕрат, уӕд Мӕм ӕххуысагур сдзыназдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн, 24Мӕ маст рафыцдзӕн, ӕмӕ уӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, ӕмӕ уӕ устытӕ идӕдзӕй баззайдзысты, уӕ сабитӕ — сидзӕрӕй.
25Мӕ адӕмы мӕгуыртӕй искӕмӕн ӕвзист ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй фылдӕрӕй, пайдайыл дӕттӕгау, ма бацагур. 26Дӕ хионы пӕлӕз цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй хурныгуылдмӕ фӕстӕмӕ ратт, 27уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.
28Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.
29Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн.
Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн. 30Афтӕ — уе стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фосы зӕйц дӕр: авд боны-иу фӕуӕнт сӕ мадӕлты раз фыццаг нӕл род ӕмӕ фыццаг нӕл уӕрыкк, ӕстӕм бон сӕ Мӕнӕн ратт. 31Сымах Мын хъуамӕ сыгъдӕг адӕм уат, ӕмӕ, сырд кӕй аргӕвда, ахӕм фосы фыд макуы бахӕрут, куыйтӕн-иу ӕй аппарут.

Àwon tá yàn lọ́wọ́lọ́wọ́ báyìí:

Рацыд 22: ОссБ

Ìsàmì-sí

Pín

Daako

None

Ṣé o fẹ́ fi àwọn ohun pàtàkì pamọ́ sórí gbogbo àwọn ẹ̀rọ rẹ? Wọlé pẹ̀lú àkántì tuntun tàbí wọlé pẹ̀lú àkántì tí tẹ́lẹ̀