Рацыд 19
19
1Мысырӕй рацыдӕн йе ’ртыккаг мӕйноджы израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ. 2Уырдӕм ӕрбацыдысты Рефидимӕй ӕмӕ дзы ӕрӕнцадысты — сӕ рӕсӕнуат Синайы хохрӕбын скодтой.
3Моисей ссыди хохы сӕрмӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг загъта: «Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, израилӕгтӕн, афтӕ зӕгъ: 4„Сымах федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цытӕ бакодтон, уый. Федтат, цӕргӕсы базыртыл хӕссӕгау уӕ кӕй рахастон ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ кӕй ӕрбакодтон. 5Куы Мӕм хъусат ӕмӕ, Мемӕ цы фидыд сарӕзтат, уый куынӕ фехалат, уӕд ӕппӕт адӕмты ’хсӕн сымах уыдзыстут Мӕ зынаргъ исбон. Зӕхх иууылдӕр Мӕн у, 6ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».
7Моисей ӕрхызти хохӕй, адӕмы хистӕртӕм басидт ӕмӕ сын, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдта. 8Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм, Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый!» Моисей Дунедарӕгмӕ фӕхӕццӕ кодта адӕмы дзуапп.
9Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы мидӕг, цӕмӕй адӕм фехъусой, демӕ куыд дзурын, уый ӕмӕ дыл амӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндой». Моисей Дунедарӕгӕн адӕмы дзуапп куы рафӕзмыдта, 10уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр, 11цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ. 12Хохы алыварс ӕрхахх кӕн ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй хохмӕ ма ссӕуой ӕмӕ хохыл бандзӕвынӕй дӕр сӕхи бахизой. Хохыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый амарын хъӕуы. 13Къухӕй-иу ӕм мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ дурты бын фӕкӕнут, науӕд та йӕ фатӕй фехсут. Фос уа ӕви адӕймаг — удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй, сыкъауадындзы уасынмӕ хохмӕ ссӕуыныл куы архайа, уӕд». 14Моисей хохӕй адӕммӕ ӕрхызт ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта. Адӕм ныхсадтой сӕ дарӕстӕ дӕр, 15ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи цӕттӕ кӕнут иннӕбонмӕ. Сылгоймагмӕ ӕмгӕрон ма ’рцӕут».
16Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты. 17Моисей сӕ рӕсӕнуатӕй Хуыцауы размӕ акодта, ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты. 18Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти. 19Сыкъауадындзы уасын хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр кодта. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау арвы нӕрынӕй дзуапп лӕвӕрдта. 20Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.
21Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Цу ӕмӕ ма иу хатт бафӕдзӕхс адӕмӕн, цӕмӕй ма ’рбахизой арӕнӕй ӕмӕ Дунедарӕджы ма феной, науӕд бирӕтӕ ссардзысты сӕ мӕлӕт. 22Сауджынтӕ цӕуинаг куы уой Дунедарӕгмӕ, уӕд-иу уыдон та сӕхи ссыгъдӕг кӕнӕнт, науӕд сӕ Дунедарӕг бабын кӕндзӕни».
23Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Адӕм не ссӕудзысты Синайы хохмӕ, уымӕн ӕмӕ мын Дӕхӕдӕг бафӕдзӕхстай, цӕмӕй йын йӕ алыварс скӕнон арӕнхахх ӕмӕ хох банымайон уазыл».
24Дунедарӕг ын загъта: «Цу ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕх Ааронимӕ. Сауджынтӕ ӕмӕ Мӕм иннӕ адӕм та ссӕуынвӕнд ма скӕнӕнт — бабын сӕ кӕндзынӕн». 25Моисей адӕммӕ ныццыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхст рафӕзмыдта.
Àwon tá yàn lọ́wọ́lọ́wọ́ báyìí:
Рацыд 19: ОссБ
Ìsàmì-sí
Pín
Daako

Ṣé o fẹ́ fi àwọn ohun pàtàkì pamọ́ sórí gbogbo àwọn ẹ̀rọ rẹ? Wọlé pẹ̀lú àkántì tuntun tàbí wọlé pẹ̀lú àkántì tí tẹ́lẹ̀
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: