1
Лука 23:34
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
Ṣe Àfiwé
Ṣàwárí Лука 23:34
2
Лука 23:43
Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».
Ṣàwárí Лука 23:43
3
Лука 23:42
Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»
Ṣàwárí Лука 23:42
4
Лука 23:46
Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухмӕ Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ, афтӕ куыддӕр загъта, афтӕ Йӕ уд систа.
Ṣàwárí Лука 23:46
5
Лука 23:33
Ӕмӕ, Сӕргӕхц, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уыцы ран дзуарыл байтыгътой Йесо ӕмӕ фыдгӕнджыты: иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы — Йӕ галиуфарс.
Ṣàwárí Лука 23:33
6
Лука 23:44-45
Уыдис ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр саудалынг баци ӕмӕ суанг фарӕстӕм сахаты онг йӕ хуыз нӕ аивта, уымӕн ӕмӕ хур рухс нал кодта. Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ бынмӕ дыууӕ дихы фӕцис.
Ṣàwárí Лука 23:44-45
7
Лука 23:47
Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, загъта: «Ацы Адӕймаг ӕнӕмӕнг рӕстгӕнӕг уыди».
Ṣàwárí Лука 23:47
Ilé
Bíbélì
Àwon ètò
Àwon Fídíò