1
Марк 16:15
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.
Ṣe Àfiwé
Ṣàwárí Марк 16:15
2
Марк 16:17-18
Уырнджытӕ та ахӕм диссӕгтӕ ӕвдисдзысты: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, ног ӕвзӕгтыл сдзурдзысты; кӕлмыты исдзысты сӕ къухтӕм ӕмӕ, марг куы бануазой, уӕд дӕр сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл сӕ къухтӕ ӕвӕрдзысты, ӕмӕ-иу уыдон адзӕбӕх уыдзысты».
Ṣàwárí Марк 16:17-18
3
Марк 16:16
Чи баууӕнда ӕмӕ аргъуыд чи райса, уый фервӕздзӕн; чи нӕ баууӕнда, уый та тӕрхонгонд ӕрцӕудзӕн.
Ṣàwárí Марк 16:16
4
Марк 16:20
Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.
Ṣàwárí Марк 16:20
5
Марк 16:6
Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Ṣàwárí Марк 16:6
6
Марк 16:4-5
Фӕлӕ куы бакастысты, уӕд ӕй фӕлдӕхтӕй федтой, афтӕмӕй та дур уыди тынг стыр. Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд.
Ṣàwárí Марк 16:4-5
Ilé
Bíbélì
Àwon ètò
Àwon Fídíò