Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ. Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.