Ромӕгтӕм 6

6
Тӕригъӕдӕн амардыстӕм, Чырыстиимӕ цӕрӕм
1Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы!#1 Пет 2:24; Гал 6:14. 2Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм? 3Ӕви ныл Йесо Чырыстиимӕ баиуы охыл куы саргъуыдӕуыд, уӕд Йемӕ кӕй амардыстӕм, уый нӕ зонут?#Гал 3:27. 4Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй, Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.#Гал 6:15; Эф 4:23; Кол 2:12.
5Ӕмӕ, Чырысти куыд амарди, кӕд мах дӕр афтӕ амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй баиу стӕм Йемӕ, уӕд мӕрдтӕй дӕр, Уый куыд райгас ис, афтӕ райгас уыдзыстӕм ӕмӕ баиу уыдзыстӕм Йемӕ.#Ром 8:11; 1 Кор 6:14. 6Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.#Гал 5:24. 7Уымӕн ӕмӕ, чи амарди, уый ссӕрибар ис тӕригъӕдӕй.#1 Пет 4:1. 8Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл.#Кол 3:5,9-10; 2 Тим 2:11. 9Мах зонӕм, мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Чырысти кӕй нал амӕлдзӕн, уый: мӕлӕты бон Ыл нал цӕуы. 10Уымӕн ӕмӕ, куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ — мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн.#Лк 20:38. 11Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.#Гал 2:19.
12Уӕдӕ уӕ мӕлӕтон буарӕн тӕригъӕд ма уӕд паддзах, цӕмӕй чъизи монцты коммӕ ма кӕсат. 13Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.#Ром 12:1; Гал 2:20. 14Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.#Ром 5:20.
Тӕригъӕдӕй сӕрибар
15Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы!#Гал 2:17. 16Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн куы уат цагъартӕ, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауы коммӕ куы кӕсат, уӕд та уын ӕнӕ сраст уӕвгӕ нӕй.#Мт 6:24; Ин 8:34; 2 Пет 2:19. 17Кӕддӕр сымах тӕригъӕды цагъартӕ уыдыстут, фӕлӕ, Хуыцауӕй бузныг, ныр уӕ зӕрдӕ радтат, цы ахуырад уын лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн.
18Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ.#Ин 8:32; Гал 5:1. 19Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.
20Уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут, уӕд сымахыл рӕстады бар нӕ цыд. 21Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.#Ром 1:26,31; 7:5. 22Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард. 23Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.#Ром 2:7; 5:12.

Vurgu

Paylaş

Kopyala

None

Önemli anlarınızın tüm cihazlarınıza kaydedilmesini mi istiyorsunuz? Kayıt olun ya da giriş yapın