1
Райдиан 35:11-12
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн. Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн».
Karşılaştır
Райдиан 35:11-12 keşfedin
2
Райдиан 35:3
Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн».
Райдиан 35:3 keşfedin
3
Райдиан 35:10
Загъта йын: «Дӕ ном Йаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Йаков нӕ — Израил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил.
Райдиан 35:10 keşfedin
4
Райдиан 35:2
Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.
Райдиан 35:2 keşfedin
5
Райдиан 35:1
Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн».
Райдиан 35:1 keşfedin
6
Райдиан 35:18
Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин.
Райдиан 35:18 keşfedin
Ana Sayfa
Kutsal Kitap
Okuma Planları
Videolar