1
Марк 4:39-40
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Йесо сыстади, уад басабыр кодта ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ӕрӕнцай, ныссабыр у!» Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ нӕ уырны?»
සසඳන්න
Марк 4:39-40 ගවේෂණය කරන්න
2
Марк 4:41
Уыдон стыр тасы бацыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Марк 4:41 ගවේෂණය කරන්න
3
Марк 4:38
Йесо та бӕлӕгъы кӕрон фынӕй кодта, Йӕ сӕр бӕлӕгъы базыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй. Райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфгӕ куы кӕнӕм, уӕд ныл Ды цӕуылнӕ мӕт кӕныс?»
Марк 4:38 ගවේෂණය කරන්න
4
Марк 4:24
Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цы хъусут, ууыл-иу ахъуыды кӕнут. Цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр ӕмӕ ма уын ыл ноджыдӕр бафтаудзысты.
Марк 4:24 ගවේෂණය කරන්න
5
Марк 4:26-27
Йесо загъта: «Уӕларвон Паддзахад, адӕймаг зӕххы хоры нӕмыг куыд байтауы, уый ӕнгӕс у. Ӕхсӕвыгон кӕны фынӕй, бонӕй та сысты; уӕдмӕ мыггаг суадзы ӕвзар ӕмӕ рӕзы — куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны.
Марк 4:26-27 ගවේෂණය කරන්න
6
Марк 4:23
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
Марк 4:23 ගවේෂණය කරන්න
නිවස
බයිබලය
සැලසුම්
වීඩියෝ