ӕмӕ израилӕгтӕн загъта: «Уӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны уӕ фыдӕлты куы фӕрсой, ацы дуртӕ цы амонынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут: „Иорданы доныл ацы ран ахызтысты израилӕгтӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау“. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ развӕндагыл Иорданы дон байсысын кодта, цалынмӕ йыл ахызтыстут, уӕдмӕ. Раст афтӕ бакодта амӕй размӕ Сырх денджызӕн дӕр: цалынмӕ йыл ахызтыстӕм, уӕдмӕ йӕ нӕ развӕндагыл байсысын кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.