1
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:1
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай ӕмӕ уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.
तुलना
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:1
2
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:2
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай, уӕд дыл мӕнӕ ацы арфӕтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:2
3
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:13
Дунедарӕг уӕ скӕндзӕн къӕдзил нӕ, фӕлӕ сӕр, сымах бынӕй нӕ, фӕлӕ уӕле уыдзыстут, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат ӕмӕ сӕ, ӕз уын куыд дзурын, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:13
4
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:12
Байгом кӕндзӕн Дунедарӕг сымахӕн Йӕ фарны хӕзнадон — арв, ӕмӕ афоныл уардзӕн къӕвда уӕ зӕххыл, ӕмӕ арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй уӕ алы къухвӕллой. Бирӕ адӕмтӕн дӕтдзыстут ӕфстау, фӕлӕ уӕхӕдӕг хӕсагур никӕмӕ цӕудзыстут.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:12
5
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:7
Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:7
6
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:8
Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:8
7
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:6
Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:6
8
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:3
Арфӕгонд уыдзынӕ сахары, арфӕгонд уыдзынӕ быдыры.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:3
9
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:4
Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:4
10
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:9
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:9
11
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:5
Арфӕгонд уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:5
12
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:11
Алы хорзӕхӕй уӕ схайджын кӕндзӕн Дунедарӕг: зӕнӕг, фос ӕмӕ уӕм тыллӕг бирӕ уыдзӕн, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:11
13
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:10
Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:10
14
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:14
цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уымӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр куынӕ фӕзилат, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куынӕ адзӕгъӕл уат ӕмӕ сӕм кувын куынӕ райдайат, уӕд.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:14
15
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:15
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.
अन्वेषण गर्नुहोस् Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:15
होम
बाइबल
भक्त्ति पाठहरू
भिडियोहरू