1
Матфей 14:30-31
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»
השווה
חקרו Матфей 14:30-31
2
Матфей 14:30
Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!»
חקרו Матфей 14:30
3
Матфей 14:27
Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».
חקרו Матфей 14:27
4
Матфей 14:28-29
Петр Ын загъта: «Хицау, кӕд уый Ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ Дӕм ӕз доныл къахӕй бацӕуон». Йесо йын загъта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм фӕцӕйцыди.
חקרו Матфей 14:28-29
5
Матфей 14:33
Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».
חקרו Матфей 14:33
6
Матфей 14:16-17
Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон та Йын загътой: «Ам махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис».
חקרו Матфей 14:16-17
7
Матфей 14:18-19
Йесо загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут». Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл.
חקרו Матфей 14:18-19
8
Матфей 14:20
Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис дыууадӕс чыргъӕды.
חקרו Матфей 14:20
בית
כתבי הקודש
תכניות
קטעי וידאו