1
Матфей 10:16
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.
השווה
חקרו Матфей 10:16
2
Матфей 10:39
Йӕ цард чи бахъахъхъӕна, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕни.
חקרו Матфей 10:39
3
Матфей 10:28
Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.
חקרו Матфей 10:28
4
Матфей 10:38
Йӕ дзуар чи нӕ райса ӕмӕ Мӕ фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уый Мӕн аккаг нӕу.
חקרו Матфей 10:38
5
Матфей 10:32-33
Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз. Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Ӕз дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.
חקרו Матфей 10:32-33
6
Матфей 10:8
Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут.
חקרו Матфей 10:8
7
Матфей 10:31
Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах цыфӕнды бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут.
חקרו Матфей 10:31
8
Матфей 10:34
Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз Мемӕ фидыд нӕ, фӕлӕ цирхъ ӕрхастон.
חקרו Матфей 10:34
בית
כתבי הקודש
תכניות
קטעי וידאו