Logo de YouVersion
Ícono Búsqueda

Эфесӕгтӕм 5

5
1Уӕдӕ уарзон хъӕбултау архайут Хуыцауы ӕнгӕс уӕвыныл.#Мт 5:18. 2Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.#Ин 13:34; 1 Ин 3:11.
3Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн уӕм хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа — сыгъдӕджытӕн афтӕ не ’мбӕлы.#1 Кор 6:15. 4Стӕй уыл фыддзых, дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕуаг хъазӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ фидауынц, уый бӕсты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн.#Мт 12:36; Эф 4:29. 5Сымах хъуамӕ зонат: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн — уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, — Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.#1 Кор 6:10.
Рухсы хъӕбултӕ
6Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.#Мт 24:4; Мк 13:5; Лк 21:8; 2 Фес 2:3. 7Уӕдӕ уын уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд. 8Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та Бардарӕгимӕ рухсы стут. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбултау,#Ин 8:12; 12:36. 9уымӕн ӕмӕ рухсӕн йӕ дыргътӕ сты: хӕлардзинад, рӕстад ӕмӕ ӕцӕгад.#Гал 5:22. 10Архайут, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый базоныныл, 11Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.#2 Кор 6:14; 1 Тим 5:20. 12Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у. 13Рухсмӕ цыдӕриддӕр рахастӕуы, уый раргом вӕййы, цы раргом уа, уый та рухс фесты.#Ин 3:20. 14Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд:
«Райхъал у дӕ фынӕйӕ,
рабад мӕрдтӕй,
ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».#Ром 6:4.
15Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ: уӕхи дарут ӕнӕзондтау нӕ, фӕлӕ, ӕмбаргӕтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ.#Кол 4:5. 16Пайда кӕнут алы фадатӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕвзӕр у. 17Ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ базонут, Бардарӕгӕн фӕндон цы у, уый.#Ром 12:2; 1 Фес 4:3. 18Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.#Лк 21:34. 19Куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ монон зарджытӕ; зӕрдиагӕй зарут ӕмӕ стаут Бардарӕджы.#Кол 3:16. 20Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.#Кол 3:17; 1 Фес 5:18.
Чырыстон бинонтӕ
21Чырыстийы тас уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут. 22Сылгоймӕгтӕ, цыма Бардарӕджы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.#Кол 3:18; Тит 2:5. 23Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы сӕрыхицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары — Аргъуаны — Ирвӕзынгӕнӕг дӕр.#1 Кор 11:3; Эф 1:22. 24Фӕлӕ Аргъуан Чырыстийӕн куыд коммӕгӕс у, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ кӕддӕриддӕр кӕсой сӕ лӕгты коммӕ.
25Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ — йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн,#Гал 1:4; Кол 3:19. 26цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.#1 Пет 3:21; Тит 3:5; Дзут 9:14. 27Ӕрлӕууын ӕй кӕна Йӕ разы намысджын Аргъуанӕй, ӕнӕ сау стъӕлфӕй, ӕнӕ къӕмӕй, ӕнӕ ӕндӕр исты аиппӕй, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа, афтӕ.#2 Кор 11:2; Эф 1:4. 28Лӕгтӕ сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый йӕхи уарзы. 29Йӕ буар ӕнӕуынон никуы никӕмӕн уыд, фӕлӕ йӕ алчидӕр ӕфсады ӕмӕ йыл мӕт кӕны. Афтӕ Чырыстийы мӕт дӕр Йӕ Аргъуаныл у, 30уымӕн ӕмӕ мах Йӕ Буары уӕнгтӕ стӕм. 31«Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕ уыдзысты иу буар».#Мт 19:5; Мк 10:7; 1 Кор 6:16. 32Уыцы ныхӕсты стыр сусӕгдзинад ӕвӕрд ис, ӕмӕ ӕз зӕгъын: уый хауы Чырысти ӕмӕ Аргъуанмӕ. 33Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.

Actualmente seleccionado:

Эфесӕгтӕм 5: ИрББЛ2022

Destacar

Compartir

Copiar

None

¿Quieres guardar tus resaltados en todos tus dispositivos? Regístrate o Inicia sesión