1
Матфей 23:11
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг.
Yenzanisa
Ongorora {{vhesi}}
2
Матфей 23:12
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн.
3
Матфей 23:23
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайӕ дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ та — рӕстдзинад, хӕрзаудӕн ӕмӕ уырнындзинад — ницӕмӕ дарут. Сымахӕн адӕттӕ кӕнын дӕр ӕмбӕлд ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр рохуаты ныууадзын нӕ хъуыд.
4
Матфей 23:25
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддӕрдыгӕй ссыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та йедзаг сты, уӕ кӕрӕф ӕмӕ уе ’нӕфсисы руаджы уӕ къухы цы бафтыдис, уымӕй.
5
Матфей 23:37
Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
6
Матфей 23:28
Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.
Pekutangira
Bhaibheri
Zvirongwa
Mavideo