1
Рацыд 23:25-26
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ. Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн.
Yenzanisa
Ongorora {{vhesi}}
2
Рацыд 23:20
Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм.
3
Рацыд 23:22
Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг.
4
Рацыд 23:2-3
Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн. Мӕгуыр лӕгӕн дӕр тӕрхондоны фарсласӕн ма кӕн.
5
Рацыд 23:1
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу.
Pekutangira
Bhaibheri
Zvirongwa
Mavideo