Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 44

44
1Йосеф йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, цас афӕразой, уыйас хор ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взист йӕ голладжы нывӕр. 2Кӕстӕрӕн та-иу йӕ голладжы нывӕр, йӕ хоры аргъ ӕвзисты уӕлӕмхасӕн, ме ’взист синон дӕр». Уый сӕххӕст кодта Йосефы фӕдзӕхст.
3Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ ӕфсымӕрты ауагътой ӕд хӕрджытӕ. 4Сахарӕй нӕма адард сты, афтӕ Йосеф бафӕдзӕхста йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн: «Рӕвдз атындз уыцы лӕгты фӕдыл ӕмӕ сӕ куы баййафай, уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Хорздзинад хӕрамӕй цӕмӕн фидут? Ӕвзист нуазӕн цӕмӕн радавтат? 5Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат“». 6Уый сӕ баййӕфта ӕмӕ сын Йосефы ныхӕстӕ рафӕзмыдта. 7Уыдон ын загътой: «Цӕмӕн афтӕ зӕгъы не ’лдар? Дӕ цагъартӕ ахӕм ми бакӕной, уымӕн уӕвӕн нӕй. 8Нӕ голджыты комы цы ссардтам, суанг дӕм уый дӕр Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рбахастам, уӕд не ’лдары хӕдзарӕй куыд хъуамӕ радавӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕрин? 9Уыцы синон дӕ цагъартӕй кӕмӕ разына, уый-иу амарут, иннӕтӕ та йӕ цагъартӕ суӕнт не ’лдарӕн». 10Уый загъта: «Фӕуӕд афтӕ, синон кӕмӕ разына, ӕрмӕст мӕм уый баззайдзӕни цагъарӕй, иннӕтӕ ӕназым уыдзысты». 11Алчидӕр сӕ уайтагъд йӕ голлаг зӕхмӕ ӕриста ӕмӕ йын йӕ ком райхӕлдта. 12Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын куыд хистӕрӕй басгӕрста сӕ голджытӕ, ӕмӕ синон Бениамины голладжы разынди. 13Уӕд ӕфсымӕртӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ дзы алчи йӕ уаргъ фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты сахармӕ.
14Йосеф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл. 15Йосеф сӕ бафарста: «Уый цы бакуыстат? Ӕви, мӕ хуызӕн адӕймагӕй бамбӕхсӕн ницы ис, уый нӕ зыдтат?» 16Иудӕ афтӕ: «Цы у нӕ бон зӕгъын ме ’лдарӕн? Цы сдзурӕм йӕ ныхмӕ? Цӕмӕй сраст кӕнӕм нӕхи? Хуыцау нын раргом кодта нӕ азым, ӕмӕ дын нырӕй фӕстӕмӕ, ме ’лдар, уыдзыстӕм цагъартӕ — мах дӕр ӕмӕ, синон кӕмӕ разынди, уый дӕр». 17Фӕлӕ Йосеф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ бакӕнон, уымӕн уӕвӕн нӕй. Синон кӕмӕ разынди, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ».
18Уӕд Иудӕ Йосефмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, дӕ цагъарӕн ныхасы бар ратт. Фараоны ӕмсӕр дӕ ӕмӕ ма смӕсты у дӕ цагъармӕ. 19Айразмӕ ме ’лдар йӕ цагъарты фарста, фыд, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, уымӕй. 20Мах не ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уымӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у. 21Ды дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай, ӕркӕнут мӕм ӕй ӕмӕ йӕ фенон, зӕгъгӕ, 22ӕмӕ мах не ’лдарӕн загътам, зӕгъгӕ, лӕппуйӕн йӕ фыды ныууадзын йӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ныууадза, уӕд йӕ фыд амӕлдзӕни. 23Фӕлӕ ды дӕ цагъартӕн загътай: уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куынӕ ’рцӕуа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут. 24Мах ссыдыстӕм дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, ӕмӕ йын, ме ’лдар, дӕ ныхӕстӕ рафӕзмыдтам. 25Ӕмӕ та нын фӕстӕдӕр нӕ фыд куы загъта, ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг, зӕгъгӕ, 26уӕд ын дзуапп радтам: „Нӕй нын ацӕуӕн. Ацӕудзыстӕм ӕрмӕстдӕр уӕд, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы уа, — ӕнӕ уымӕй нӕ бон нӕу уыцы лӕгмӕ нӕхи равдисын“. 27Уӕд нын дӕ цагъар, нӕ фыд, загъта: „Сымах зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты ныййардта, уый. 28Сӕ иу мӕ куы ныууагъта, уӕд загътон, сырд ӕй аргӕвста, бӕлвырд. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федтон. 29Ӕмӕ ныр ай дӕр мӕ цурӕй куы акӕнат ӕмӕ йыл исты куы ’рцӕуа, уӕд мӕ зӕрдӕ аскъуыйдзӕн ӕмӕ мын мӕ зӕронд къуыдыр мӕрдтӕм барвитдзыстут“. 30Гъемӕ ныр дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, куы бацӕуон, ӕмӕ, афтӕ ӕнувыд кӕуыл у, йӕ уыцы хъӕбул немӕ куынӕ разына, 31уӕд нӕ фыд амӕлдзӕн. Йӕ зӕрдӕ аскъуыйдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй дӕ цагъартӕ сӕ зӕронд фыды, дӕ цагъары, мӕрдтӕм барвитдзысты. 32Ныр ацы лӕппуйы тыххӕй та нӕ фыдӕн дзуапдӕттӕг ӕз дӕн, дӕ цагъар. Афтӕ йын загътон: „Фӕстӕмӕ дӕм ӕй куынӕ ’рбакӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы“. 33Гъемӕ, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ ӕз, дӕ цагъар, ацы лӕппуйы бӕсты ме ’лдармӕ баззайон, уый та йе ’фсымӕртимӕ ацӕуӕд. 34Уымӕн ӕмӕ лӕппу мемӕ куынӕ уа, уӕд куыд ӕрлӕудзынӕн нӕ фыды раз? Уый удхармӕ кӕсын нӕ бауыдзӕни мӕ бон».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti