Parallel

Райдиан 30

30
1Рахелӕн Йаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иуахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын цот, науӕд амӕлдзынӕн!» 2Йаков рамӕсты ис Рахелмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот». 3Ууыл ын Рахел загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн». 4Рахел йӕ унӕут Билхайы йӕ мойӕн номылусӕн радта, ӕмӕ Йаков ӕмуат ӕрцыди йемӕ. 5Билха банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта фырт. 6Рахел загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта — фехъуыста мын мӕ лӕгъстӕ ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахел сӕвӕрдта ном Дан#30:6 Ома «Уый сраст кодта».. 7Рахелы унӕут Билха та банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта дыккаг фырт. 8Рахел загъта: «Хуыцауы ӕххуысӕй стох кодтон мӕ хоимӕ ӕмӕ йыл фӕтых дӕн». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Неффалим#30:8 Йӕ зӕлынадмӕ гӕсгӕ ацы ном у дзуттаг дзырд «тох кӕнын»-ы ӕнгӕс..
9Леа федта, зӕнӕг ын кӕй нал цӕуы, уый, ӕмӕ йӕ унӕут Зилпайы Йаковӕн номылусӕн радта. 10Леайы унӕут Зилпа Йаковӕн ныййардта фырт. 11Леа загъта: «Бантысти мын!» Ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Гад#30:11 Ома «ӕнтыст».. 12Леайы унӕут Зилпа ма Йаковӕн ныййардта ноджыдӕр иу фырт. 13Леа загъта: «Амондджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ схондзысты амондджын». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Асир#30:13 Асир — дзуттаг ӕвзагыл ацы ном нысан кӕны «амондджын». .
14Иуахӕмы, мӕнӕугӕрдӕнты, Рувим ацыди быдырмӕ, уым ссардта мандрагоры дыргътӕ ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Леайӕн. Рахел бахатыди Леамӕ: «Ратт-ма мын, дӕ лӕппу кӕй ӕрбахаста, уыцы дыргътӕй». 15Фӕлӕ йын Леа афтӕ: «Мӕ мойы мын байстай, уый дын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма уыцы дыргътӕ дӕр дӕхирдыгӕй фӕкӕнинаг дӕ?» Рахел ын загъта: «Омӕ-иу ацы дыргъты ныхмӕ демӕ фӕуӕд ахсӕв». 16Йаков изӕры быдырӕй куы ӕрбацыди, уӕд Леа йӕ размӕ рауад ӕмӕ йын загъта: «Мӕнмӕ рацу. Мӕ лӕппу цы дыргътӕ ссардта, уыдонӕй дӕ балхӕдтон». Ӕмӕ Йаков уыцы ӕхсӕв йемӕ фӕци. 17Хуыцау Леайы лӕгъстӕ фехъуыста, ӕмӕ уый банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта фӕндзӕм фырт. 18Загъта: «Мӕ унӕуты мӕ мойӕн кӕй радтон, уый сӕрмӕ мын Хуыцау саккаг кодта хӕрзиуӕг». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Иссахар. 19Леа та банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм фырт. 20Загъта: «Диссаджы лӕвар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Зевулон. 21Уый фӕстӕ ма Леа ныййардта чызг ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Динӕ.
22Фӕлӕ Хуыцау Рахелмӕ дӕр ӕркасти, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд. 23Рахел банхъӕлцау ис, лӕппу йын райгуырд, ӕмӕ загъта: «Мӕ худинагӕй мӕ фервӕзын кодта Хуыцау». 24Сабийыл сӕвӕрдта ном Йосеф#30:24 «Ӕндӕр дӕр ма дын раттӕд Уый» — ацы фразӕ ӕмӕ ном «Йосеф» дзуттаг ӕвзагыл сӕ зӕлынадмӕ гӕсгӕ ӕнгӕс сты. ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ма мын раттӕд дыккаг лӕппу дӕр!»
25Рахелӕн Йосеф куы райгуырд, уый фӕстӕ Йаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ гъеныр, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ фыды уӕзӕгмӕ, ацӕуон. 26Ратт мын, кӕй тыххӕй дӕм фӕкуыстон, мӕ уыцы устытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ ацӕуон. Цас дын фӕкуыстон, уый куы зоныс». 27Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый». 28Ноджы ма бафарста: «Бӕлвырд мын зӕгъ, цас мызд дын раттон?» 29Йаков ын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зоныс, мӕ фӕллойы руаджы дӕ фос куыд сбирӕ сты, уый. 30Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ мӕхи хӕдзарӕн та кӕд кусон?» 31Лаван ӕй бафарста: «Уӕддӕр ма зӕгъ, цы дын раттон?» Йаков ын афтӕ: «Мацы мын ратт. Фӕлӕ мын иу хъуыддаг куы саразай, уӕд дын дарддӕр дӕр хиздзынӕн ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн дӕ фос. 32Цӕй ӕмӕ абон дӕ дзугтыл ӕрзилон ӕмӕ фосӕй фӕхицӕн кӕнон гӕрӕм, сау ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл ис, уыцы фысты; гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл ис, уыцы сӕгъты. Уый у мӕ куысты мызд. 33Мӕ цӕсгом дӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый базондзынӕ, мӕ мыздӕн цы фос равзӕрстон, уый фенынмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд. Сӕгътӕй гӕрӕм, стӕй тӕппытимӕ чи нӕ разына, фыстӕй та сау чи нӕ уа, уыдон мын-иу давдыл банымай». 34Лаван ын загъта: «Хорз. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд».
35Тӕккӕ уыцы бон Лаван фӕхицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы цӕуты; гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы сӕгъты, ома урс тӕпп дзы кӕуылдӕриддӕр уыди, уыцы цӕутӕ ӕмӕ сӕгъты. Фысты ’хсӕн та сауты фӕхицӕн кодта иннӕтӕй. Фосы йӕ фыртты бар бакодта 36ӕмӕ семӕ ӕртӕ бонцауы адард ис Йаковӕй. Ныр Йаков та хызта, Лаваны лыстӕг фосӕй ма йӕм цы баззади, уыдон.
37Йаков райста гӕдыбӕласы, миндал-ӕхсӕры ӕмӕ тӕрсы хуылыдз уистӕ, сӕ цъарӕй сын ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты уадздзӕгтӕ растыгъта, урс куыд адарой, афтӕ 38ӕмӕ-иу уыцы гӕрӕм уистӕ ӕрӕвӕрдта доны тӕгӕнаты, фосӕн сӕ тӕккӕ раз. Уыдон-иу дон нуазынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу уым тӕрӕн кодтой. 39Сӕгътӕ-иу схъазыдысты, уистӕ сӕ цӕстыты раз, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу, цы сӕныччытӕ ныззадысты, уыдон рауадысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ. 40Фысты та-иу сӕ хъазын афон ӕрлӕууын кодта хицӕнӕй, се ’ргом Лаваны гӕрӕм ӕмӕ сау фосы ’рдӕм, афтӕмӕй. Уыйадыл Йаковмӕ фӕзынди йӕхи фосы дзугтӕ, ӕмӕ сӕ Лаваны дзугтӕй дардта иппӕрдӕй. 41Фидар фос-иу куы кодтой тӕрӕн, уӕд-иу сын Йаков алкӕддӕр сӕ разы тӕгӕнаты уистӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй уыцы уисты цур схъазой. 42Лӕмӕгъ фос куы кодтой тӕрӕн, уӕд уыдонӕн та не ’вӕрдта. Ӕмӕ-иу лӕмӕгъ фос баисты Лаваны, фидар фос та — Йаковы. 43Йаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.