Parallel

Райдиан 21

21
1Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ ӕркасти Саррӕмӕ; сарӕзта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый. 2Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уыцы афон Авраамӕн йӕ зӕры бон ныййардта фырт. 3Саррӕ йын цы фырт ныййардта, ууыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак. 4Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын Авраам сунӕт скодта, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
5Авраамыл цыди фондзыссӕдз азы, йӕ фырт Исаак куы райгуырди, уӕд. 6Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ». 7Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, Саррӕйы риуы ма сывӕллонӕн ӕхсыр фӕзындзӕни, зӕгъгӕ? Ныр ын йӕ зӕры бон ныййардтон фырт».
8Саби фӕхъомыл ис. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыд, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.
9Иуахӕмы Саррӕ федта, Авраамӕн мысыраг Агар кӕй ныййардта, уыцы лӕппу йын йӕ фырт Исаакыл йӕхи худӕгӕй кӕй хӕссы, 10ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Уыцы унӕуты ӕд лӕппу атӕр! Мӕ хъӕбул Исаакы раз дын уый дӕ бынтӕм ницы бар дары». 11Тынг хъыг уыд Авраамӕн йӕ фырт Измаелы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ хъусын. 12Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Лӕппуйы ӕмӕ дӕ унӕуты тыххӕй мӕт ма кӕн. Саррӕ дын цы зӕгъы, уымӕ байхъус, уымӕн ӕмӕ, Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты дӕ байзӕддаг. 13Фӕлӕ унӕуты лӕппуйӕ дӕр рауадздзынӕн стыр адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ фырт у».
14Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис. 15Лалымы дон куы фӕци, уӕд лӕппуйы иу къудзийы бын ныууагъта, 16йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта. 17Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй. 18Уӕлӕмӕ сыст! Сывӕллоны сыстын кӕн ӕмӕ йын йӕ къухыл фидар хӕц! Ӕз уымӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм». 19Хуыцау байгом кодта Агары цӕстытӕ, ӕмӕ уӕд Агар федта цъай. Бацыди цъаймӕ, лалым байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ дойны басаста.
20Хуыцау аудыдта Агары фыртыл. Уый байрӕзти. Цардис ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ сахуыр ис фатӕй ӕхсын. 21Измаел царди Параны ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад ус ӕркодта Мысыры зӕххӕй.
22Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ бацыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды. 23Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн». 24Авраам ард бахордта, 25фӕлӕ Авимелехӕн бауайдзӕф кодта, дӕ цагъартӕ мын мӕ цъай байстой, зӕгъгӕ. 26Авимелех ын дзуапп радта: «Нӕ зонын, афтӕ чи бакодта, уый. Ды дӕр мын куы ницы ской кодтай. Фыццаг хатт хъусын уыцы хабар». 27Авраам Авимелехӕн радта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ, ӕмӕ бафидыдтой. 28Фыстӕй Авраам рахицӕн кодта авд далысы. 29Авимелех ӕй бафарста: «Цӕмӕн рахицӕн кодтай ацы авд далысы?» 30Авраам ын дзуапп радта: «Ацы авд далысы райс мӕ къухӕй — уыцы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
31Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ#21:31 Дзуттаг ӕвзагыл уыцы ном нысан кӕны «авды бынат» кӕнӕ «ардбахӕрды цъай»..
32Беер-Шевӕйы Авраамимӕ куы бафидыдтой, уӕд Авимелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихол фӕстӕмӕ аздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ. 33Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.
34Авраам ӕрцӕуӕггагӕй бирӕ фӕцарди филистимаг зӕххыл.