Parallel

Райдиан 17

17
1Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп! 2Ӕз демӕ сараздзынӕн фидыд, дӕ байзӕддаджы дын сбирӕ кӕндзынӕн».
3Аврам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта: 4«Демӕ аразын фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл. 5Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл. 6Дӕ байзӕддӕгты дын тынг сбирӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысдзӕни адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр. 7Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау. 8Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».
9Хуыцау ма Авраамӕн загъта: «Ды дӕр ӕххӕст кӕн, Мӕ фидыд цы домы, уый, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 10Мӕнӕ уын, гъе, Мӕ фидыд, ӕмӕ де ’ппӕт байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнӕнт йӕ домӕн: сунӕтгонд уӕм-иу ӕрцӕуӕд алы нӕлгоймаг дӕр. 11Сунӕт кӕнут уӕхицӕн — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан. 12Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ, уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕдзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕрцӕуӕггагӕй кӕй балхӕнат, уыдонӕн дӕр. 13Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд. 14Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».
15Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ. 16Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дын ныййардзӕни фырт. Раарфӕ кӕндзынӕн Саррӕйӕн, ӕмӕ дзы рантысдзысты адӕмтӕ, йӕ байзӕддӕгтӕ суыдзысты алы адӕмты паддзӕхтӕ». 17Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?» 18Хуыцауӕн та Авраам загъта: «Измаел куы цӕрид Дӕ арфӕимӕ!» 19Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд. 20Измаелы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ тынг бирӕ уыдзысты. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаелы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм. 21Ӕцӕг, фидыд сараздзынӕн, Саррӕ дын иннӕ ацафон кӕй ныййара, уыимӕ — Исаакимӕ». 22Ууыл Хуыцау Йӕ ныхас фӕцис Авраамимӕ ӕмӕ ацыди.
23Уӕд Авраам бавдӕлд, ӕмӕ йын Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта йӕ хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕн: йӕ фырт Измаелӕн, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр райгуырди, уыдонӕн, стӕй, ӕлхӕд ын чи уыди, уыдонӕн дӕр.
24-25Авраам нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд уыди, сунӕтгонд куы ӕрцыди, уӕд, йӕ фырт Измаел та — ӕртындӕсаздзыд. 26Уыцы иу бон ӕрцыдысты сунӕтгонд Авраам ӕмӕ йӕ фырт Измаел. 27Авраамы хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ — йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕддагӕттӕй ӕлхӕд чи уыди, уыдон дӕр — сунӕтгонд ӕрцыдысты йемӕ.