Parallel

Райдиан 15

15
1Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг». 2Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?» 3Ноджы ма загъта: «Зӕнӕг мын нӕ радтай, ӕмӕ мӕ бынтӕ мӕ цагъары хай бауыдзысты». 4«Дӕ цагъармӕ не ’рхаудзысты дӕ бынтӕ, — загъта йын Дунедарӕг. — Дӕхицӕн уыдзӕни фырт». 5Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ». 6Аврам баууӕндыди Дунедарӕгыл, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Уый банымадта рӕстгӕнӕгыл.
7Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон, уый тыххӕй дӕ халдейаг Урӕй Чи ракодта, Уый. Фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ӕй айс». 8Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?» 9Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрбакӕн Мын ӕртӕаздзыд хъуг, ӕртӕаздзыд сӕгъ ӕмӕ ӕртӕаздзыд фыр, стӕй ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ бӕдул бӕлон». 10Аврам сӕ ӕрбакодта, аргӕвста сӕ ӕмӕ сӕ дӕргъмӕ афаста, се ’рдджытӕ сын иу иннӕйы ныхмӕ ӕрӕвӕрдта. Ӕрмӕст мӕргъты нӕ адих кодта. 11Холыхор мӕргътӕ сыл ӕмбырдтӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта.
12Хур ӕрныгуылыны афон Аврам тарф фынӕй баци; ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг ис. 13Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты. 14Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ. 15Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ. 16Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».
17Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг пец ӕмӕ пиллонуадзгӕ цырагъ кусарты хӕйттӕн сӕ тӕккӕ астӕуты ацыдысты. 18Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг. 19Ныр дзы цӕрынц кенӕгтӕ, кенизӕгтӕ, кедмонӕгтӕ, 20хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, рефаимтӕ#15:20 Рефаимтӕ — асӕй бӕрзонд, уӕйыгӕнгӕс адӕм. , 21аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, гиргашӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ».