1
Матфей 16:24
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
සසඳන්න
Матфей 16:24 ගවේෂණය කරන්න
2
Матфей 16:18
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Матфей 16:18 ගවේෂණය කරන්න
3
Матфей 16:19
Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар».
Матфей 16:19 ගවේෂණය කරන්න
4
Матфей 16:25
Уымӕн ӕмӕ, йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.
Матфей 16:25 ගවේෂණය කරන්න
5
Матфей 16:26
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Матфей 16:26 ගවේෂණය කරන්න
6
Матфей 16:15-16
Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».
Матфей 16:15-16 ගවේෂණය කරන්න
7
Матфей 16:17
Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.
Матфей 16:17 ගවේෂණය කරන්න
නිවස
බයිබලය
සැලසුම්
වීඩියෝ