Рацыд 18
18
1Мидианы сауджын Ифро, Моисейы каис, фехъуыста, Хуыцау Моисей ӕмӕ Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, стыр хӕрзты кӕй бацыд ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Мысыры зӕххӕй кӕй ракодта, уый. 2Ӕмӕ Ифро йемӕ рахуыдта Моисейы ус Циппорайы (уымӕй размӕ йӕ Моисей йӕ цӕгатмӕ арвыста), 3Моисейы дыууӕ фырты, сӕ иуы ном — Гершом#18:3 Ома «ӕрцӕуӕггаг». , уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл», 4иннӕйы ном та — Елиезер#18:4 Ома «Хуыцау ӕххуыс кӕны». , уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Мӕ фыдӕлты Хуыцау мӕм фӕзынди ӕххуысмӕ ӕмӕ мӕ бахызта фараоны кардӕй».
5Ифро сӕ бакодта Моисеймӕ, Хуыцауы хохы рӕбынмӕ, Моисей йӕ рӕсӕнуат кӕм ӕркодта, уырдӕм 6ӕмӕ йӕм фӕхабар кӕнын кодта: «Ӕрбацыди дӕм дӕ каис Ифро дӕ ус ӕмӕ дӕ фырттимӕ». 7Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты. 8Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Дунедарӕг фараон ӕмӕ мысырӕгты Израилы адӕмы сӕрыл куыд бафхӕрдта, израилӕгтӕ фӕндагыл цы зынтӕ бавзӕрстой ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куыд аирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ. 9Ифройӕн ӕхсызгон уыди, Дунедарӕг израилӕгты мысырӕгты къухӕй куы ирвӕзын кодта, уӕд сын афтӕ бирӕ хӕрзтӕ кӕй ракодта, уый. 10Загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Аирвӕзын уӕ кодта мысырӕгтӕ ӕмӕ фараоны къухӕй. Ацы адӕмы суӕгъд кодта мысырӕгты ӕфсондзӕй. 11Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!». 12Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.
13Дыккаг бон Моисей ӕрбадти израилӕгты хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ, ӕмӕ райсомӕй суанг изӕрмӕ адӕм йӕ разы уыдысты. 14Йӕ каис Ифро йын, уый фенгӕйӕ, афтӕ зӕгъы: «Цы ми кӕныс ацы адӕмӕн? Ды сӕ разы иунӕгӕй цӕмӕн бадыс, уыдон та дӕ алыварс цӕмӕн лӕууынц райсомӕй изӕрмӕ?» 15Моисей дзуапп радта йӕ каисӕн: «Адӕм мӕм ӕрбацӕуынц, цӕмӕй сын фӕрсон Хуыцауы. 16Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».
17Йӕ каис ын загъта: «Раст нӕ кӕныс. 18Афтӕмӕй дӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тухӕнӕй амардзынӕ. Ӕгӕр уӕззау у дӕ хӕс, ӕмӕ иунӕгӕй ницы бакӕндзынӕ. 19Ӕрбайхъус-ма мӕ уынаффӕмӕ, ӕмӕ дын Хуыцау баххуыс кӕнӕд! Ды хъуамӕ лӕууай адӕмӕй Хуыцауы ’хсӕн ӕмӕ Хуыцауы тӕрхонмӕ хӕссай адӕмы хъуыддӕгтӕ. 20Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ. 21Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы. 22Уыдон ӕдзух уыдзысты адӕмимӕ ӕмӕ сын сӕ быцӕутӕ ӕвзардзысты, зындӕр хъуыддӕгтӕ дӕумӕ дӕтдзысты, хуымӕтӕгтӕ та сӕхӕдӕг лыг кӕндзысты. Афтӕмӕй дын дӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕндзысты, йе ’мбис ын уыдон хӕсдзысты. 23Афтӕ куы бакӕнай, ӕмӕ уый Хуыцауӕн фӕндон куы уа — дӕхӕдӕг дӕр фидар лӕудзынӕ, адӕм дӕр разыйӕ сӕхимӕ здӕхдзысты».
24Моисей байхъуыста йӕ каисы зондмӕ ӕмӕ, уый йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. 25Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс. 26Уыдон адӕмӕн систы тӕрхоны лӕгтӕ; уӕззау хъуыддӕгтӕ лӕвӕрдтой Моисеймӕ, рогдӕртӕ та ӕвзӕрстой сӕхӕдӕг.
27Моисей йӕ каисӕн фӕндараст загъта, ӕмӕ уый йӕ бӕстӕм аздӕхт.
Currently Selected:
Рацыд 18: ОссБ
Highlight
Share
ਕਾਪੀ।

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.