1 Петр 1:3-4
1 Петр 1:3-4 ОССБ
Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн — фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн.