1
Марк 10:45
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной. Уый ӕрцыди, цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты сӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».
Compare
Марк 10:45ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
2
Марк 10:27
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕймаджы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у Йӕ бон».
Марк 10:27ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
3
Марк 10:52
Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыди.
Марк 10:52ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
4
Марк 10:9
Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма фӕхицӕн кӕнӕд».
Марк 10:9ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
5
Марк 10:21
Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Марк 10:21ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
6
Марк 10:51
Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон».
Марк 10:51ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
7
Марк 10:43
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый иннӕтӕн уӕд лӕггадгӕнӕг
Марк 10:43ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
8
Марк 10:15
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн».
Марк 10:15ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
9
Марк 10:31
Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ».
Марк 10:31ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
10
Марк 10:6-8
Фӕлӕ райдианы Хуыцау „сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы“. „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар“. Афтӕмӕй уыдон уыдзысты дыууӕ нӕ, фӕлӕ иу буар.
Марк 10:6-8ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
Home
ਬਾਈਬਲ
Plans
ਵੀਡੀਓ