Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой».
Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта. Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.