1
1 Иоанн 5:14
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы.
Compare
1 Иоанн 5:14ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
2
1 Иоанн 5:15
Хуыцауӕй цыдӕриддӕр куы фӕкурӕм, уӕд нӕм кӕй хъусы, кӕд уый зонӕм, уӕд ма уыимӕ зонӕм, цы Дзы ракуырдтам, уый ныридӕгӕн нӕхи кӕй баци, уый дӕр.
1 Иоанн 5:15ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
3
1 Иоанн 5:3-4
Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты. Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый уӕлахиз кӕны дунейыл. Дуне саст цӕмӕй ӕрцыд, уый нӕ уырнындзинад у.
1 Иоанн 5:3-4ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
4
1 Иоанн 5:12
Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн ис, уымӕн ис мыггагмӕйы цард. Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн нӕй, уымӕн та нӕй мыггагмӕйы цард.
1 Иоанн 5:12ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
5
1 Иоанн 5:13
Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, цӕмӕй зонат, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый.
1 Иоанн 5:13ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
6
1 Иоанн 5:18
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.
1 Иоанн 5:18ਪੜਚੋਲ ਕਰੋ
Home
ਬਾਈਬਲ
Plans
ਵੀਡੀਓ