Уый фӕстӕ бон, сӕумӕраджы, Ашдоды цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы. Систой йӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. Уый фӕстӕ бон дӕр та райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ армы — къуырд ӕмӕ къӕсӕрыл ӕппӕрст. Дагонӕн ма баззад ӕрмӕст йӕ гуыр.