1
Ромӕгтӕм 15:13
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.
ႏွိုင္းယွဥ္
Ромӕгтӕм 15:13ရွာေဖြေလ့လာလိုက္ပါ။
2
Ромӕгтӕм 15:4
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.
Ромӕгтӕм 15:4ရွာေဖြေလ့လာလိုက္ပါ။
3
Ромӕгтӕм 15:5-6
Фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар дӕттӕг Хуыцау уын раттӕд иумӕ ӕмзондӕй фӕцӕрыны хорзӕх, цӕмӕй, Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмдзыхӕй стауат Хуыцауы, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыды.
Ромӕгтӕм 15:5-6ရွာေဖြေလ့လာလိုက္ပါ။
4
Ромӕгтӕм 15:7
Чырысти сымахыл куыд ӕнувыд у, афтӕ ӕнувыд ут сымах дӕр кӕрӕдзиуыл Хуыцауы кадӕн.
Ромӕгтӕм 15:7ရွာေဖြေလ့လာလိုက္ပါ။
5
Ромӕгтӕм 15:2
Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй.
Ромӕгтӕм 15:2ရွာေဖြေလ့လာလိုက္ပါ။
ပင္မစာမ်က္ႏွာ
သမၼာက်မ္းစာ
အစီအစဥ္မ်ား
ဗီဒီယိုမ်ား