1
Матфей 5:15-16
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна. Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.
비교
Матфей 5:15-16 살펴보기
2
Матфей 5:14
Сымах стут дунейы рухс. Хохы цъуппыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй.
Матфей 5:14 살펴보기
3
Матфей 5:8
Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ — уыдон фендзысты Хуыцауы.
Матфей 5:8 살펴보기
4
Матфей 5:6
Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
Матфей 5:6 살펴보기
5
Матфей 5:44
Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
Матфей 5:44 살펴보기
6
Матфей 5:3
Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Матфей 5:3 살펴보기
7
Матфей 5:9
Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ — Хуыцауы хъӕбултӕ сӕ схондзысты.
Матфей 5:9 살펴보기
8
Матфей 5:4
Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ — Хуыцау сӕ барӕвдаудзӕн.
Матфей 5:4 살펴보기
9
Матфей 5:10
Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Матфей 5:10 살펴보기
10
Матфей 5:7
Тӕхудиаг сты баронтӕ — Хуыцау сын сӕхицӕн дӕр ныббардзӕн.
Матфей 5:7 살펴보기
11
Матфей 5:11-12
Тӕхудиаг стут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ уыл алы даутӕ куы мысой, уӕд. Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.
Матфей 5:11-12 살펴보기
12
Матфей 5:5
Тӕхудиаг сты сӕрныллӕгтӕ — зӕхх сӕ хай бауыдзӕн.
Матфей 5:5 살펴보기
13
Матфей 5:13
Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.
Матфей 5:13 살펴보기
14
Матфей 5:48
Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.
Матфей 5:48 살펴보기
15
Матфей 5:37
Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ «о» уа, уӕ «нӕ» та — «нӕ»; уымӕй уӕлдай цы ис, уый та хӕйрӕгӕй у.
Матфей 5:37 살펴보기
16
Матфей 5:38-39
Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Цӕстӕн — цӕст ӕмӕ дӕндагӕн — дӕндаг». Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.
Матфей 5:38-39 살펴보기
17
Матфей 5:29-30
Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд. Дӕ рахиз къух дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты дӕ буары уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд.
Матфей 5:29-30 살펴보기
홈
성경
묵상
동영상