1
Матфей 12:36-37
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Зӕгъын уын: сӕ алы ӕнӕрхъуыды ныхасы тыххӕй дӕр адӕм Тӕрхоны Бон дзуапп ратдзысты. Дӕ ныхӕстӕ дӕ кӕнӕ сраст кӕндзысты, кӕнӕ дын уыдзысты тӕрхонгӕнӕг».
비교
Матфей 12:36-37 살펴보기
2
Матфей 12:34
Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы.
Матфей 12:34 살펴보기
3
Матфей 12:35
Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.
Матфей 12:35 살펴보기
4
Матфей 12:31
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: цыфӕнды тӕригъӕд ӕмӕ фауӕн ныхас дӕр адӕймагӕн хатыргонд уыдзысты, фӕлӕ фауӕн ныхас Сыгъдӕг Уды ныхмӕ нӕ уыдзӕни хатыргонд.
Матфей 12:31 살펴보기
5
Матфей 12:33
Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй.
Матфей 12:33 살펴보기
홈
성경
묵상
동영상