1
Матфей 11:28
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.
ತಾಳೆಮಾಡಿ
Матфей 11:28 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
2
Матфей 11:29
Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.
Матфей 11:29 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
3
Матфей 11:30
Уымӕн ӕмӕ ӕнцон хӕссӕн у Ме ’фсондз, ӕмӕ рог у Мӕ уаргъ».
Матфей 11:30 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
4
Матфей 11:27
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Матфей 11:27 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
5
Матфей 11:4-5
Йесо сын дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы хъусут ӕмӕ цы уынут, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.
Матфей 11:4-5 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
6
Матфей 11:15
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
Матфей 11:15 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
ಮುಖಪುಟ
ಬೈಬಲ್
ಯೋಜನೆಗಳು
ವೀಡಿಯೊಗಳು